Main PageSite MapContact


   С Ы В Æ Л Л О Н Ы Х Æ Р И Н А Г

    Сабийæн хæринаг куы цæттæ кæнай, уæд:
• дæ къухтæ ныккæн хæрзæхсад;
• алы прибор æмæ мигæнæн дæр ныхс сапон æмæ четкæйæ, ранхъæвз сæ цæугæ чи кæна, ахæм донæй æмæ сæ рафыцут;
• хæринаг ныллыстæг кæнут сагойæ кæнæ электрокуыройæ;
• ног продукт иууыл хуыздæр вæййы: кæд æмæ консервæй пайда кæнат, уæд ын æркæсут йæ этикеткæмæ, ма спайда кæнут цæхх æмæ сæкæр бирæ кæм ис, ахæм продукттæй;
• сывæллæтты хæрыны мигæнæнтæ хъуамæ æфснайд цæуой хицæнæй.

 



Игæрæй арæзт пюре (1 азæй фылдæры кары):
50 граммы стуры игæр ныхсут, цæугæ чи кæны, ахæм доны, растигъут ын йæ хæлур, слыг ын кæнут йæ мастдзæуæнтæ, гæзæмæ йæ стулут зетийы, бафтаут æм 25мл. дон, бамбæрзут аджы сæр, бавæрут æй духовкæйы æмæ йæ 10 мин. дæргъы фыцут ныллæг артыл сæрæхгæд мигæнæны. Ныууазалгонд игæры дыууæ хатты ауадзут дзидзассæн машинкæйы, бафтаут æм цъус цæхх æмæ йæ рахсидут. Цæттæ пюремæ бафтаут 5 гр.гарачъи, 15 мл. æхсыст хъарм æхсыр æмæ йæ дзæбæх схæццæ кæнут.
 


Магъзы катлеттæ (иу азæй фылдæры кары):
100гр. фосы магъз 1 сахаты дæргъы баудайут уазал доны, растигъут ын йæ хæлур, фæфыцут æй 5 минуты æмæ йæ райсут фæрсудзæнмæ. Йæ дон ныффæрсудзыны фæстæ йæ ахæссут къусмæ, бафтаут ма йæм 1/2 айчы бур, 20гр. ссад æмæ иу-цъус цæхх. Сæзмæнтут сæ дзæбæх, сис дзы хæрыны уидыгæй æмæ сæ нывæрут кæм фыцой уым. Дыууæ 'рдыгæй фарс дæр æй сфыцут сабыр артыл 5 мл.зетийы.


Цæхæрадоны халсæртты пюре:
160гр. цæхæрадоны алгъуызон халсæрттæ (уырыдзы, къабускæ, цæхæра) ныссыгъдæг кæнут шеткæйæ, цæугæ чи кæны, ахæм доны, бастигъут сæ, скæрдут сæ лыстæг, нывæрут сæ аджы æмæ сыл ныккæнут æхсидгæ дон (афтæ, цæмæй сæ кæронмæ ма бамбæрза). Фыцут сæ йæ сæр æмбæрзт кæмæн уа, ахæм аджы. Уæ хъус бадарут, цæмæй дон ма байсыса (баххæст æй кæнут æрмæстдæр æхсидгæ донæй).
Кæронмæ цæттæгонд чи нæ фæуа, уыцы хæринæгтæм ма ноджыдæр бафтаут 40гр. ставд карст картоф æмæ йæ ноджыдæр ныллæг артыл фæфыцут æрдæг сахаты дæргъы. Уый фæстæ йæ тæфдæй ныххафут хафæны, бафтаут æм 50мл. хъарм æхсыр, чысыл цæххы, дон æмæ та йæ ногæй бауæларт кæнут, сызмæнтут æй уидыгæй кæнæ сагойæ, афтæ, цæмæй снæрса. Райсут æй цалынмæ нæ рахсида, уæдмæ æмæ йыл ныккæнут 5мл. зети.
Не доводя до кипения, отставьте и добавьте 0,5 гр подсолнечного масла.


Дыргъ æмæ халсар:

 
1/2 агуывзæ цæттæ (фых кæнæ фæлвых) халсæрттæ кæнæ дыргъ (æнæмæнг хъуамæ уа рæгъæд) æмæ тæнгъæд (дон, дыргъы дон) схæццæ сæ кæнут. Гæнæн ис æмæ цæттæгонд æрцæуа дыргъы кæнæ халсары пюре. Уæлдай хуыздæр та сты атъами, кæрдо, абрикос, фæткъуы, бана, цъæх хъæдур, цъæх лобиа, уырыдзы, адджын картоф.
 



Фæткъуыйы пюре:
50гр. рæгъæд, æнæниз фæткъуы ныхсут цæугæ чи кæны, ахæм доны, ауадзут ыл æхсигæ дон, тæнæг æй бастигъут æмæ йæ ныххафут лыстæг хафæны.


Дзидзайы катлет:
100гр. стуры цола дзидза ныссыгъдæг кæнут, ныхсут æй, ныллыгтæ йæ кæнут æмæ йæ ауадзут дзидзакæрдæн машинкæйы. Бафтаут æм уазал дон, иуцъус цæхх, 1 айчы урсы æрдæг сцæгъдуд æй, афтæмæй. Райстгонд æрмæг райсут хуылыдз фæйнæгмæ, айчы урсы стулут уæ къух æмæ дзы афтæмæй саразут чысыл тымбылæгтæ æмæ сæ нывæрут фыцынмæ 15-20 минуты, халсæрттæ - 1 чысыл хъæдындзы сæр, 1 адджын нуры, чысыл цæх (кæм сфыхтысты, ахæм æхсидгæ доны). .


Сау фагæ (гречиха) нартхоры ссад, пырындзы сысджыйы кас:
Равзарут 20гр. макаронтæ, бафтаут æм 1 фæткъуы, ныккæнут ыл 100мл. дон æмæ йæ фыцут сабыр артыл 1 сахаты дæргъы. Уый фæстæ йæ ныххафут, ауадзут æй фæрсудзæны, ныккæнут ыл 100мл. хъарм æхсыр æм 5мл. сæкæры адджын дон. Цæттæ касмæ ма бафтаут 5мл. зети.


Кæсаджы тефтели (иу азæй уæлæмæ кæуыл цæуы):
60гр. кæсаджы филейæн растигъут йæ царм, уазал доны удæст кæрдзынимæ иумæ йæ ауадзут дзидзассæн машинкæйы, бафтаут æм айчы буры 1/4, иу цъус цæхх, 5мл. зети. Уыдон иууыл иумæ дзæбæх схæццæ кæнут æмæ дзы саразут чысыл тымбылæгтæ, нывæрут сæ аджы, æрдæджыонг сыл ныккæнут дон æмæ йæ 20-30 минуты фыцут ныллæг артыл.
 


Лобиа
Ныхсут 1 агуывзæ лобиа, баудайут æй 4 агуывзæ доны æнæхъæн æхсæв кæнæ йæ фыцут 2 сахаты дæргъы, стæй йын бамбæрзут йæ сæр æмæ йæ ныууадзут 2 сахаты. Фыцут æй 2 сахаты дæргъы, кæнæ цалынмæ сфæлмæн уа, уæдмæ. Куы сфæлмæн уа, уæд æй райсут уæлартæй æмæ йæ сцъæл кæнут сагойæ, ныффæрсудзут æй фæрсудзæны, йæ царм цæмæй рахицæн уа. Уæ бон у æмæ йæ бавæрат уазалгæнæны ихгæнæн хайы.


Сау фагæ (гречиха) нартхоры ссад, пырындзы сысджыйы кас:

Равзарут 20гр. макаронтæ, бафтаут æм 1 фæткъуы, ныккæнут ыл 100мл. дон æмæ йæ фыцут сабыр артыл 1 сахаты дæргъы. Уый фæстæ йæ ныххафут, ауадзут æй фæрсудзæны, ныккæнут ыл 100мл. хъарм æхсыр æм 5мл. сæкæры адджын дон. Цæттæ касмæ ма бафтаут 5мл. зети.



    1 цайы уидыг = 5 мл.
1 хæрыны уидыг= 15 мл.
1 десерты уидыг= 10 мл

Члауийы (кæнæ туаг балы) пюре
50гр. рæгъæд члауи (кæнæ туаг бал) ныхсут цæугæдоны, ранхъæвзут сæ æхсидгæ донæй, раппарут сын сæ къуркъатæ, хафæны йæ ныххафут уидыгæй æмæ йын растигъут йæ цъар. Цас уæ фæнды, уыййас ыл ныккæнут сæкæры адджын дон.



Картофы пюре:
100гр. картоф хорз ныссыгъдæг кæнут, сфыцут æй цъус доны, ауадзут æй фæрсудзæны тæвдæй, бафтаут æм 40мл. тæвд æхсыр, цæхх æмæ йæ рафыцут.Цæттæ пюремæ бафтаут 3 мл. зети.


Сæкæры адджын дон:


 
1кг. сæкæры доныл ауадзут 0,5л. дон, рахсидын æй кæнут, ныллæмарут æй дывæлдах лæмарæнæй, æсхыст донæй йæ скæнут 1 литры онг та йæ ногæй рахсидут.




Фæткъуыйы дон:
100гр. рæгъæд, æнæниз фæткъуы ныхсут цæугæдоны, ранхъæвзут æй æхсидгæ доны растигъут ын йæ цъар æмæ йæ ауадзут электронон машинкæйы æмæ йæ ныххафут хафæныл æмæ йын ралæмарут йæ дон. Цас уæ фæнды, уыййас ыл ныккæнут сæкæры адджын дон..






 
  © 2006 www.bavshvi.ge