Main PageSite MapContact


  СЫВÆРДЖЫНДЗИНАД


  Сымах стут сывæрджын!
  Сымах хъуамæ радтат алкæмæй дæр зондджындæр алкæмæйдæр рæсугъддæр æмæ алкæмæй-дæр ахсджиагдæр адæймаг дунейæн. Адæймагадæн йæ бон ссис телеуынынад, компьютер, ракетæ æрымысын, йæ бон бацис молекулæты арæзтад æмæ йæ миниуджытæ рафæлгъауын, фæлæ иууыл ахсджиагдæр кæцы у адæймагы бон, æмæ лæууы бирæ бæрзонддæр адæй-магады цивилизадæйы æп-пæт æнтыстытæй, уый у сывæрджындзинад, сывæ-ллон фæзынын æмæ йе схъомыл кæнын.Мах буц стæм сымахæй! Буц ут уæхицæй уæхæдæг. Буц ут æмæ домут цæмæй уæм здæхтæуа фылдæр хъусдард æмæ уын цæуа фыл-дæр аргъкæнынад.
   Сывæрджын фæвæййынц 9 мæйы, ома 40 къуырийы, кæнæ 280 сты æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсыны бонтæ. Сывæрджыны рæстæджы сымах æнæмæнг хъуамæ слæууат сылгоймæгты консультацийы номхыгъды. Гинеколог уæ æрвыл мæй дæр басгардзæн, равзардзæн уын хæрыны æмæ активон змæлды режим. Æрмæстдæр гинекологæн у йæ бон фæхата æмæ сраст кæна сывæрджыны рæстæджы сывзæргæ проблемæтæ.

   Консультаци райсут гинекологæй куы фæхатат ахæм нысæнттæ:
  • сæры рыст, цæсты рухс сафын, сæрзилын;
  • рыстыты ахсæны алварс, спазмæтæ æмæ зæрдæхæ-ццæкæнын æмæ ахсæны стæнæг;
  • цæсгом æмæ къухтæ æндзыг кæнын;
  • уæзы цырд рæзт;
  • хуылфæй туг цæуын;
  • регулярон рыстытæ гуыбыны алыварс;
  • гуырдзы змæлд кæнæ фæкъаддæр, æрлæуд фæндзæм мæйы фæстæ.


  Сывæрджынты консультацимæ рæстæгыл бадæттын хъæуы æмбæс-тагдзинады тыххæй бæл-вырдгæнæн, кæцымæ гæсгæ уын ратдзысты сывæрджыны тыххæй полис. Полис уын бар дæдты æнæаргъæй паддзахады хардзæй райсат медицинон æххуыс сывæрджынтæм хъусдарын сылгоймæгты уыны консультацитæ æмæ гуырæн хæдзары, кæцытæн ис бадзырд паддзахадон мидицинон фæдзæхсты компанитимæ.
  Сывæрджыны æмæ дзидзи дарыны рæстæджы хъуа-мæ исат витаминтæ æмæ сæрмагонд минералон æмбырдгондтæ. Сывæрджындзинады фыццаг æртæ мæйы гуырдз февзæры биноныг ивындзинæдтæ микроскопон чырæгты гыццыл гуырдз сывзæры, кæцыйæн вæййы сæйрагдæр хайадон системæтæ. Уымæн йæ стæджыты системæ у стыр адæймаджы хъусы æргъиуы равæрдау. Æртæ мæйы фæстæ гуырдзæн ис стыр æнтыстытæ: зæрдæ кусы, сæр разил-базил кæны, ных æзмæлы, къах æзмæлын кæны, дзых схæлиу кæны.

  Фыццаг æртæ мæйы
   гæнæн ис æмæ хæццæ кæна уæ зæрдæ, райсомырдæм уæм цæуа омын. Уыдон организмыл ницы фæд уадзынц æмæ сæхи гъæдæй ацæуынц. Проблемæтæ уын къад-тæр уыдзæнис, кæд æмæ: арæхдæр хæрдзыстут, сихоры улæфт кæндзыстут, уæхи бахизат тæвд æмæ зынтайæн хæринæгтæй, арæхдæр сыгъдæг кæнат хæринаг-гæнæн уат.
  Исут фылдæр кальци, æфсæйнаг, витаминты ивæг хæринæгтæ, бирæ тæнгъæд. Арæхдæр улæфут, тезгъо кæнут, афынæй-иу кæнут, боны дæргъы, хæдзары куыстытæ аразут бадгæйæ.
  Ма пайда кæнут медикаменттæй дохтыр уын сæ куынæ рафысса, уæд!
   Уæхи æнæмæнгæй бахизут нуæзт æмæ тамакойæ.
  Кæд æмæ кусут, уæд уæ бон у æмæ æркурат, цæмæй уын фæкъаддæр кæной уæ кусгæ боны дæргъвæтиндзинад кæнæ та ацæуат æнæмызд улæфты.

  Дыгкаг æртæ мæйы сты гуырдзы равзæрды рæстæг. Де 'мкъай хайад райсæт дохтыры сæрмагонд аппараты фæрцы куы хъусын кæна сывæллоны зæрдæйы куыст. Уæ дыууæйы дæр бауырн-дзæн уый кæй ис æцæгæй! Уый зæрдæйы куыст у зæрватыччы зæрдæйы куысты хуызæн - 140 цæфы минуты.
  Цыппæрæм мæй:
   Гуырдзæн йæ бон у къах æмæ къухтæ айтынг æмæ æрбайсын, райдайы дæйын йе 'нгуылдз.
  Фæндзæм мæй:
   Гуырдз æзмæлын кæны былтæ, къухы хилтæ, зайын ыл радай-ынц æрфгуытæ æмæ цæсты хаутæ. Лæмбынæг хъус куы дарат уæд ын фæхатдзыстут йе змæлд дæр (арæхдæр - изеры схуыссыны размæ). Ацы рæстæджы къух æрывæрæн кæнут гуыбыныл уæ 'мкайæн, кæнæ та хистæр сывæллонæн.
  Æхсæзæм мæй:
   Гуырдзæн ис йæхи хуыз, цæстытæ гом кæны, фынæй æмæ хъал кæны, хъæлæба хаты, кусын райдайы йæ сæры магъз. Уæ хæринаджы рацион хъуамæ фæхъæзныг кæнат халсæр-ттæй, хойрагæй, дыргътæй, тæнгъæдтæй. Ацы рæстæ-джы хъæуы 200 калори фылдæр, сывæрджыны агъоммæ цас хъуыдис, уымæй.
  Дохтыримæ иумæ контрол кæнут уæ уæзы рæзты темп. Архаут, цæмæй ма снард уат. Кæд æмæ уæ къæхтæ рæсийынц, уæд сыл улæфты рæстæджы хæрдмæ схæцут, арæх тезгъо кæнут (фæлæ хурмæ бирæ ма ут).
  Гæнæн ис æмæ цæсгом æмæ буарыл фæзына тарбын тæппытæ, хъулæттæ гуыбыныл, ма сыхалут уæ нуæрттæ уыдон райгуырды фæстæ нал уыдзысты.
  Хорз уаит алы бон дæр 10 хатты куы аразиккат ахæм фæлтæрæн. Æрбалхъивут хæцъæфтæ, кæцы бауромдзæн доны хуыпп, банымайут 8-мæ. Фæлтæрæнтæ аразут бадгæйæ, хуысгæйæ, тезгойы рæстæджы - ничи фæхатдзæн фæлтæрæнтæ кæй аразут, уый.
  Æртыккаг æртæ мæйы
   у сæрæстыр уæвыны æмæ æнхъæлмæ кæсыны рæстæг.
  Æвдæм мæй: Уæ сывæлло-нæн йæ бон у кæуын, къуырццытæ кæнын, хаты рыстытæ. Иуæй-иу иртасынадтæм æмæ æндæр басгæрстытæм гæсгæ уый æвзары уæхъæлæс æмæ уе 'мкъайы хъæлæс. Сывæллон уæз кæны уæ ахсæн æмæ мисындзæгыл. Уымæ гæсгæ уын дискомфорт сывзæрдзæн æмæ хæрды фæстæ фæхатдзынæ зæрдæ-æнкъуыст, уый тыххæй хæрын хъæуы цъустæ -цъустæ æмæ арæх. Тæнгъæд бирæ хъуамæ исат, фæлæ бахизут уæхи кофе æмæ цайæ.
  Кæд кусгæ кæнут, уæд уæм сывæллоны райгуырды агъоммæ æмбæлы 70 къалендарон боны улæфт.
  Астæм мæй: Сывæллонæн рæзы йæ уынындзинад æмæ хъусындзинад. Мæйы фæстæ гæнæн ис фæхатат æхцондзинад уымæн æмæ сывæллоны сæр ацæуы бынмæ æмæ æрынцой кæны æмæ гуыбыныл æндæвдад фæкаддæр уыдзæн. Цæмæй сывæллон æндæр ран æнцойдæрæй райгуыра, уый тыххæй уæ бон у æмæ аразат сæрмагонд фæлтæрнтæ.
  Фарастæм мæй: Сывæллон рæзы, фæлæ нал æзмæлы - змæлды бынат ын нал ис. Уый уыны, хъусы æмæ йæхи цæттæ кæны фæзынынмæ. Арæх дзурут йемæ æмæ йын зарут!
  Кæд æмæ уын æмхуызон интервалтимæ рыстытæ уа уæд уæ фæндаг саразут гуырæн хæдзармæ. Ма бафæстиат кæнут, алцыдæр уыдзæн хорз! Рыстытæ æнæкæрон нæ уыдзысты - 14 сахаты райгуырд æмæ амондмæ.





 
  © 2006 www.bavshvi.ge