| Æрцæугæ цау |
Æнæаргъæвгæ æххуыс
|
|
| Басудзын: донæй, тæвд хæринагæй, зæнгæй |
Подставьте обожженное место под струю воды в течение 10-15
мин. Перевяжите чистой марлей или простыней, накройте теплым одеялом, дайте
много воды. Отведите в ожоговый центр или ближайшее хирургическое отделение |
6 мæйдзыдæй 4 аздзыд сывæллоны тынг бахизут тæвд доны
мигæнæнтæй æмæ артæй. |
| |
|
|
Фæхъæстæуæвын: медикаментæй, цард уагон химикон фæрæзтæй
|
Кæд æмæ сывæллон таблеткæтæ аныхъхъуыра, уæд ын сæхсæдут йæ ахсæн: бирæ йын
бадарут цæхджын дон (1 цайы агуывзæйы батайын кæнут 2 цайы уидыджы цæхх) æмæ йæ
фæосын кæнут цалдæр хатты.
Акæнут æй рынчындонмæ. Кæд æмæ сывæллон исты химикон буарад баназа, уæд ын ахсæн
ма сыхсут! Æвæстиатæй йæ акæнут æввахсдæр рынчындонмæ!
|
6 мæйдзыдæй 4 аздзыд сывæллонæн æмбæхсын хъæуы медикаменттæ æмæ цардуагон
химикон фæрæзтæ. |
| |
|
|
Фæхуыдуг кæнын хæринагæй кæнæ чысыл асы буарадты аныхъуырыны фæстиуæгæн
|
Хуыдуг кæнгæйæ сывæллонæн æвæстиатæй йæ къæхтæ фæуæлæмæ кæнут, сæр - бынмæ.
Фæдфæдыл ын фæцæфтæ кæнут йæ синтæ. Куынæ улæфа, уæд æй схуыссын кæнут йæ
чъылдымыл, йе 'фсæрыл ын размæ рахæцут æмæ йæ улæфын кæнут дзыхæй-дзыхмæ
цъустæ-цъустæ дзы уæлдæф дымгæйæ, нæуый куыд фæулæфынц, уымæй чысыл тагъддæр.
|
3 азы кары онг сывæллæты бахизут чысыл асы (сæхтæджытæй, хъазæнтæй) хæринаг ын
дæттут чысыл комдзæгтæй. Иунæгæй сæ ма ныууадзут хæрыны æмæ найыны рæстæджы
|
| |
|
|
Токы цæф |
Аиуæрдæм кæн цы йæ ныццавта, уый. Кæд æмæ нæ улæфа, уæд æй æрхуыссын кæнут йæ
чъылдымыл, йе 'фсæрыл ын размæ рахæцут æмæ йæ улæфын кæнут дзыхæй-дзыхмæ, нæуый
куыд фæулæфынц, уыцы ритмæ чысыл тагъддæр. Йæ зæрдæйы цур ын æнгуылдзтæй
саразут уæхи пульсæй арæхдæр нылхъивтытæ. Кæд æмæ йæ улæфт урæд не 'рцыдис,
фæлæ йын, ток æй кæм ныццавта, уым сыгъд у, уæд æй акæнут æввахсдæр рынчындонмæ |
Сывæллоны хъахъхъæнут ток кæм цæуы, йæ баиугæнæнтæй. Пайда кæнут ток баиугæнæнты
æмбæрзæнтæй
|
| |
|
|
|
Суртæ кæнын |
Бакæнут рудзынг, сывæллоны æрфæлдахут йæ фарсыл, йе фсæрыл ын размæ рахæцут. Йæ
дзых ын байгом кæнут æнгуылдзæй, кæнæ хъуымацæйтыхт карды хъæдæй. Æвæстиатæй йæ
акæнут рынчындонмæ |
Кæд æмæ ма уыйразмæ иу хатт фæсур, уæд уын хæдзары хъуымæ уа диазенамы ампулæ
æмæ йын иу хатт пайда кæныны шприцæй йе рбадæнтыл судзин саразут. Суртæйы
рæстæджы дозæ цас хъæуы, уый тыххæй рагацау бадзурут дохтыримæ
|
| |
|
|
Сæры травмæ |
Сывæллон кæд йæ сæр тынг ныццавта, уæд æй æнæмæнг фенын кæейрохирургæн кæнæ
невропатологæн, сывæллон йæхи хорз дæр куы хата, уæддæр
|
2-3 мæйы кары сывæллоны иунæгæй ма ныууадзут ахæм бынаты, кæцыранæй, гæнæн ис,
æмæ рахауа. 6 мæйдзыдæй йæ хъахъхъæнут бандонæй, 1 аздзыдæй - рудзынгæй,
балконæй. Уæ уат хъуамæ уа æнæзæрдæхсайгæ |
| |
|
|
Берзонд температурæ
|
Кæд æмæ сывæллонмæ ис 38,50С-йы онг, уæд ын хос дæттын хъæуы. Уымæй уæлдæр æм
куы уа, уæд ын бадарут кæнæ йын саразут парацетамол, бадарут ын тæнгъæдтæ.
39,50С-йæ уæлæмæ йæм куы уа уæд хæдзары температурæйы хъарм цас у, уыййас хъарм
доны стылдгонд æмæ лæмæрст хъуымацæй йæ къухтæ æмæ къæхтæ сæууæрдут. Фæдзурут
кæнæ йæ акæнут дохтырмæ. |
Хæдзары бинонтæй исчи (гриппæй кæнæ суазалы фæстиуæгæн рынчын куы уа, уæд йæхи
хъуамæ бахиза сывæллонмæ контактæй, йæ фындз æмæ 'дзыхыл хъуамæ бакæна маскæ
(рагацау балхæнут кæнæ бахуыйут 8 фæлтæры чи уа ахæм маскæ марлайæ) |
| |
|
|
Ахсæн стæнæг, омын
|
Радтут ын бирæ тæнгъæд (фæдфæдыл уидыгæй), газ кæм нал ка, ахæм "Боржом", дон,
цай, компот.
Кæд æмæ дзидзи дæйа, уæд ын арæхдæр дæттут дзидзи, кæд хæдаразгæ хæринæгтæ хæры,
уæд та туаг æхсыр, пюре, кастæ.
Фæдзурут кæнæ йæ акæнут дохтырмæ. |
Хъахъхъæнут сыгъдæгдзинады фæткойтæ. Хæринаг хъуамæ уа ног, сыгъдæг доныл арæзт |
| |
|
|
|
Æхсæвы райхъал фæхуыдугы банкъарынадмæ улæфтимæ, тюлены хъæлæбаимæ хуыфт |
Уый у ларингит. Ваннæйы (кæнæ искæцы чысыл хатæны) рахсидут дон, йæ тæфæй хатæн
куыд байдзаг уа. Уым уемæ дарут сывæллоны. Æвæстиатæй фæдзурут кæнæ йæ акæнут
дохтырмæ |
Хæдзары уæнгтæй, уазалдзыд чи у, йæ хъуыр кæмæн риссы, уыдон сæхи бахизæт
сывæллонимæ кантактæй. Бакæнæт маска. |
| |
|
|
4 мæйдзыд сывæллон тынг кæуы, йæ къæхтæ тъæпп кæны, рыстыты 'хсæн та у сабыр
|
Уый у æттæмæ акæсын йæ бон куынæ вæййы, уый нысан. Æфæстиатæй фæдзурут хирургмæ. |
Уæлæмхас хæлцын (пюре, кас) райдианæй радтут тæнæгæй. Уый фæстæ йын æй цадæггай
кæнут бæзджындæр. |