Main PageSite MapContact


   ФАРАСТÆМ МÆЙ  

  РÆЗТ
   Уæ чысылыл сæххæст аст мæйы
Фæнды йæ стыртæ цы аразынц, уый аразын, иу къухæй иннæмæ айсы йæ хъазæнтæ, исты предмет, фæлхатт кæны дзырды хæйттæ, цæстæй æмæ къухæй дзуапп дæтты фарстытæн: "Кæм ис дæ мад?, Фыд?", хистæрты загъдæй райдайы æмдзæгъд кæнын, исты дзы куы 'рхауы, уæд æй фæагуры, æнцойгæнæны фæрцы аразы къахдзæфтæ.
Сывæллон æсактивон æмæ йын манеж нал фаг кæны. Уæ бон у скæнат ыл рейтуз æмæ йæ гауызыл кæнæ æндæр ахæм истæуыл сбадын кæнат. Сывæллоны цæуын ахуыргæнæнæй ма спайда кæнут.
Сывæллон фылдæрæй-фылдæр рæстæг фæййы хъал æмæ ивы йæ боны режим. Бон бафынæй вæййы æрмæстдæр 2 хатты.
Хæргæ-хæрын гæнæн ис æмæ кæна тынг хивæнд митæ. Кæд æмæ йын исты ног хæринаг дæттут, фæлæ йæ нæ комы, уæд ын тыххæй ма хæрын кæнут. Куы сыххормаг уа уæд иннæ хæрдæн тынг хорз дæр бахæрдзæнис.
Хъазынæн æм радтут уидыг æмæ агуывзæ цæмæй сыл цадæггай фæцайдагъ уа.


  СЫВÆЛЛОНМÆ ЗИЛЫН  

Цы хъазæн ын у зындгонд, ууыл исты рæмбæрзут, бамбæхсут æй хуыссæны бын кæнæ æмбæрзæны фæстæ æмæ зæгъут сывæллонæн, цæмæй йæ ссара ("кæм ис тæрхъус? - цъитъайæ!.."). бæлвырдæй йын зæгъут предметы æмæ цæрæгойы нæмттæ. Ныхас кæнут йемæ, фæлæ йæ ма бафæллайын кæнут. Тæрсын æй макуы кæнут! Кæд уæ йæ бафхæрын фæнды уæд ын зæгъинаг зæгъут фидар æмæ хъуыддагон тонæй.
  Дыууæ боны йæ иу хатт ныннайут бадгæйæ, кæд æмæ афтæ йæ зæрдæмæ цæуа, уæд. Ныннайыны фæстæ йыл рауадзут сатæг дон. Архайут цæмæй фæцайдагъ уа йæ къухтæ 'хсыныл.
  Уалынмæ йæ бохъæудзæнис хъæбæрбын дзабыртæ дæр. Цæуын ахуыркæнгæйæ æмæ зæвæт формæ кæнгæйæ йын иттæг хорз амал у бæгъæмвадæй цæуын, фæлæ йын дзабыр æнæмæнгхъæуæг у йæ къæхтæ хъахъхъæнынæн æмæ йын хъармы цæмæй уой, уымæн. Дзабыртæ æнæмæнг хъуамæ уой хъуырджын, сæ зæвæты бæрзæнд 1-1,5 см. Йæ къæхтыл хъуамæ бадой æнгом, фæлæ йæ 'лхъивгæ ма хъуамæ кæной. Сæ бынтæ ма хъуамæ бырой. Ма йыл скæнут гуымир дзабыртæ. Ахæм дзабыртæ йæ, гæнæн ис æмæ раст нæ лæууын æмæ цæуыныл фæцайдагъ кæной. Уымæ гæсгæ æхцайыл ма бацуардут дзабыртæ йын æлхæнгæйæ. Уыдон хъуамæ йæ дарæсы 'хсæн уой иууыл хуыздæр æмæ рæсугъддæр.

 


  ХÆРÆН КÆНЫН  

Сывæллонæн радтут:
Мады æхсыр кæнæ хæдаразгæ хæринаг бон 3-4 хатты;
кас - бон 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
цæхæрадоны халсæрттæ касгонд - бон 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
дыргъты кас гонд - бон 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
дыргъы дон - бон 85-125 мл;
дон - цас æй хъæуы, уыййас

Фæцайдагъ æй кæнут: ног дзидзайыл. Айчы бурыл, цъæл лобиайыл, кæсагыл, æхсырыл цыхт кæнæ туаг æхсырыл - бон цыппар хæрыны уидыджы.
Уæ бон у æмæ сæм бафтауат: иумиаг фынджы хæринæгтæй цъус цыдæртæ. Ахæмтæ, кæцытыл æнцон хæцæн у къухæй, сты æнцон æууилæн.
Ацы карæй сывæллонæн гæнæн ис æмæ дæттын райдайат ссадæг æхсыр кæнæ туаг æхсыр - бон 1 агуывзæ.
Сывæллонæн йæ дæндæгтæ куы цæуой, уæд æй дохтырæн фенын кæнут.


 









 
  © 2006 www.bavshvi.ge