ÆСТÆМ МÆЙ
РÆЗТ
Уæ чысыл хурыл сæххæст авд мæйы
Тагъд фæлхатт кæндзæнис дзырды уæнгтæ, дзуры "ма-ма", "па-па" (ацы дзырдтæ
иумиаг сты дцнейы цъарыл цæрæг æппæт сывæллæттæн дæр), æмбары йæ ном, кæсæны
йæхи уыны æмæ хъазы. Йæ хъазæнты айсы иу къухæй иннæмæ, хойы сæ кæрæдзийыл, бады
æнæискæй æххуысæй, уаты фарсмæ лæууы йæ къухыл ын хæцгæйæ æмæ аразы къахдзæфтæ
дæр (тыххæй йæ ма лæууын кæнут йæ къæхтыл, уæлдайдæр та кæд уæззау сывæллон у,
уæд).
Ныр раздæрау "æвæлмаст" нал уыдзыстут - чысыл у тынг активон, уыимæ иумæ ма
цымыдис кæны æппæтмæ дæр. Уымæ гæсгæ йæм æппынæдзух хъæуы цæстдарын: мацæуыл
фæкæла, йæхи ма алыг кæна, мацы дзы фæныхса, мацы аныхъхъуыра, ма басудза,
макæцæй рахауа æмæ а.д. Фенут ын йæ хуыссæн, æмбæлон у æви нæ, уый.
Чысыл базыдта æмдзæгъд кæнын дæр, йæ цурæй куы цæуат, уæд дæм йæ къух
фæтилдзæнис, куы йæ бафæрсат "кæм ис?" уæд дын дзуапп ратдзæнис йæ цæстытæй кæнæ
йæ къухтæй. Йæмæ ахъаз "цъи-тъа" -тæй, "лолиа-лолиатæй", баххуыс ын кæнут
кубиртæй "хæдзар" аразынæн. Сифтонг æй кæнут пластмасæй хъазæн кухнæйы
мигæнæнтæй æмæ йын сæ сæрды дон дæр ныккæнут. Бафæрсут сын (о, бафæрсут!)
чингуытæ. |
 |
Æгæр бирæ йын ма балхæнут хъазæнтæ. Архайут цæмæй фæцайдагъ уа æнæискæй
æххуысæй хъазыныл.
Сывæллон уын уæ зæрдæйы равг базоны интонацийы. Уымæ гæсгæ йемæ дзурут
хъуыддыгон тонæй, мыййаг куы фæтæргай уа æмæ кæуын куы райдайа, уæд.
Афтæ йæ фæцайдагъ кæнут, зæгъгæ, йæ кæуынæй аппæт дæр рамбулдзæнис.
Бацархайут, цæмæй йын йæ хъусдард аздахат æндæр истæмæ. Цы хъазæн аппæрста, уый
уæхæдæг фæстæмæ ма радтут, йæхицæн ын æй сисын кæнут, кæнæ йын æй бамбæхсут иу -
дыууæ боны.
Цæмæй сывæллонимæ ссарат æмахастытæ æмæ йын истытæ амонат, уый тыххæй йемæ
дзурын хъæуы сабырæй, цыбыр хъуыдыуæттæй, дзырдты дзурын хъæуы æххæстæй,
æмбæрстгондæй. Фенын ын кæнут кæй кой йын скодтат, уыцы предмет; арæх - иу ын
азарут уыцыиу зарæг, кæнæ дзырд; йæ зæгъинаг ын сымах ма зæгъут, уадз йæхæдæг
бацархайæт йæ зæгъыныл.
Уе 'мкъайæн, кæнæ хæдзары иннæ бинонтæн зæгъут, цæмæй сывæллонæн хæринаг хæрын
кæной уидыгæй. Сабыргай йын ферохкæнын кæнут сайæн дæйæн. Ацы кары сывæллоны
фæхæрынц йæ сылытæ æмæ канд резинæ хъазæн нæ феууилы, фæлæ ма кæрдзыны хъæбæр
æмæ торт дæр (ма уæ фæрох уæт уый æмæ сывæллонæн йæ къухтæ кæддæриддæр хъуамæ
уой сыгъдæг!)
СЫВÆЛЛОНМÆ
ЗИЛЫН Уæ зæрдыл бадарут уый æмæ уын сывæллон
туалеты тыххæй æрмæстдæр 1,5-2 азы кары райдайдзæнис дзурын. Уымæ гæсгæ йæм
уæдмæ мæсты æмæ хылкæнын нæ хъæуы. Æниу ма фæзивæг кæнут æмæ куы райхъал уа æмæ
фынæй кæнынмæ куы хъава, уæд æй сбадын кæнут кæм акæса ахæм мигæнæныл. Рагацау
дзы ныккæнут хъарм дон, цæмæй сывæллон ма суазал уа æмæ разы кæна ахæм мигæнæныл
бадын. Рæвæрут æй алы хатт дæр уыцыиу бынаты. Фæцайдагъ æй кæнут алыгъуызон
амæлттæй æттæмæ кæсыныл.
10 минутæй фылдæр æм ма ныууадзут уыцы мигæнæныл бадгæйæ. Уыцы кары
сывæллон нæ уарзы фынæй йæ куы фæкæнынц, уый. Уымæн, æмæ йæ фæфæнды бинонтæй
цæмæй ма фæхицæн уа, уый. Æрсабыр æй кæнут, радтут æм йæ уарзон хъазæн, ныннайут
æй, азарут ын, бакæсут ын чиныджы. Сывæллæттæ æхсæв стæм хатт райхъал вæййынц
æмæ кæд уæддæр райхъал уа æмæ скæуа, уæд æй басабыр кæнут. Уалынмæ йæхæдæг дæр
фæцайдагъ уыдзæнис фæстæмæ ногæй афынæй кæныныл.
Сывæллонæн йæ асмæ мæйы кæронмæ хъуамæ бафта 2 см. æмæ йæ уæзмæ та
400-600 граммы.
|