Main PageSite MapContact


  ÆВДÆМ МÆЙ

  РÆЗТ

  Дзурын райдыдта уæнгтæ "де", "ма", "ба", "да", æмбары йæ ном, лæууы йæ уæрджытыл, сбады хистæры цонгыл, абыры хъазæнты 'рдæм, дыууæрдæм кæны манежы, æрзилы йæ гуыбынæй йæ чъылдыммæ, чъылдымæй гуыбынмæ; цымыдис кæны кæсæны йæ хуызмæ, скъуыны гæххæттытæ, цымыдис кæны ног ын цы у, уымæ.
  Сывæллон архайы йæхигъæдæй сбадыныл (цалынмæ йæхигъæдæй не сбада, уæдмæйæ тыххæй ма сбадын кæнут!)
Чысыл райхъал вæййы райсомы 5-6 сахатыл, фæлæ та чысыл фæстæдæр ногæй бафынæй вæййы. 6-9 мæййы кары хуыздæр у æмæ кæм хуысса, ууыл ын æмбæрзат ширма кæнæ æмбæрзæн




  СЫВÆЛЛОНМÆ ЗИЛЫН
  

Сывæллонæн раздæрау туалет аразут 2 хатты бон. Найгæ та кæнут алы дыккæгæм бон.
Арæхдæр дзурут йемæ. Сахуыр æй кæнут йæ къух тилын, искæмæн хæрзбон куы кæна, уæд.
Сывæллонæн фылдæр кæнынц йæ цымыдисдзинад æмæ йæ гæнæнтæ. Тагъд йæ бон баудзæнис йæ къæхтыл слæууын дæр, фынгæмбæрзæн æмæ столы чыргъæд раласын дæр. Афтæ йæ нæ хъæуы æнæхъусдардæй ныууадзын! Хизут æй рухсмæ иу гæнæнтæй, тæвд тæнгъæдæй, медикементтæй, химикон фæрæзтæй.
7-8-æм мæйы кæрон сывæллонæн, æвæццæгæн, фæзындзæнис 1-2 дæндаджы. Афон у æмæ сахуыр уа æууилын. Ныр йæ бон хъуамæ уа йæ къухмæ хæринаг райсын æмæ йæ дзыхы бакæна. Хаттæй-хатт ын радтут цохари (сухар). Пюре ныххафут бæзджындæрæй. Ботлайы дæйын ын цадæггæй баивут агуывзæйæ, арæхдæр ын пайда кæнут уидыгæй. Архайут, цæмæй йын ферох кæнын кæнат сайæн дæйæн. Радтут ын сæрмагонд æууилæн хъазæн.
Сывæллонæн цæуынц йæ дæнгæгтæ, æхсызгон æм кæсы æндæр æмæ æндæр хъæбæргомау продукт æмæ хъазæн йæ дзыхы бакæнын. Уымæ гæсгæ йæм хъæуы уæлдай хъусдард, цæмæй мацы аныхъуыра!


Ды æмæ де'мкъай сывæллонмæ зилыны тыххæй уæ функцитæ куыд дих кæнут?
Уæ сывæллонæн ис æви нæ уарзон хъазæн, кæнæ бынат?
Уæ хистæр сывæллоны тыххæй рæстæг арут æви нæ?


 ХÆРÆН КÆНЫН
  

Сывæллонæн радтут:
  Мады æхсыр кæнæ хæдаразгæ хæринаг 4-5 хатты бон (æдæппæт 900-1000мл.)
  Макаронты кас - бон 4 хæрыны уидыджы;
  Цæхæрадоны халсæртты пюре - бон 4 хæрыны уидыджы;
  Дыргъы кас - бон 4 хæрыны уидыджы;
  Дон - куыд дома, уымæ гæмгæ.
Уæ бон у æмæ ма уыдонмæ ноджыдæр бафтауыт:
Фых айчы бур. Райдайут иу цыппæрæм хайæ æмæ йæ сырæзæн кæнут æнæхъæн айчы буры онг. Ныллыстæг æй кæнут сагойæ, схæццæ йæ кæнут мады æхсыримæ, хæдаразгæ хæринаджы кæнæ касы. 1 афæдзы кары онг ын айчы урс дæттын нæ хъæуы-гæнæн ис æмæ йын расайа алерги.
Æхсыст тæнгъæд. Райдайут 1 цайы уидыгæй æмæ йæ сырæзын кæнут 2-3 хæрыны уидыджы онг.
  Дзидзассæны уагъд, кæнæ лыстæг хост дзидза кæнæ дзидзайы пюре. Райдайут 1 цайы уидыджæй æмæ йæ сырæзын кæнут 2-4 хæрыны уидыджы онг. Нырма уал ын радтут карчы æмæ стæй та стуры дзидза.
Цъарæстыгд лобиа кæнæ хъæдур. Райдайут цайы уидыджæй æмæ йæ сырæзæн кæнут 4 хæрыны уидыджы онг. Ма уæ ферох уæт хорз фыцын æй кæй хъæуы, уый.
Уæ зæрдыл дарут: ацы кары сывæллонæн нырма ахсджиаг сты мады æхсыр кæнæ хæдаразгæ хæринаг. Уæлæмхас хæринаг ын уыйбæрц ма хъуамæ радтат æмæ мауал кома мады 'хсыр æмæ хæдаразгæ хæринæгтæ. Уымæ гæсгæ бахъахъхъæнут сæ фæдфæдылондзинад: нырма уал ын радтут мады æхсыр (хæдаразгæ хæринаг), уый фæстæ та æрдæгфæлмæн хæринæгтæ.









 
  © 2006 www.bavshvi.ge