Main PageSite MapContact


  ÆХСÆЗÆМ МÆЙ  

  РÆЗТ
  

Уæ чысыл хурыл сæххæст фондз мæй.
Худы хъæрæй, дзидзи дæйгæйæ кæнæ ботлайæ хæргæйæ сæм æвналы къухæй, кæны кæрæдзийыл баст дыгъал-дыгъул, фæлхатт кæны зæлты, хистæры къухæй райсы хъазæн. Йæ чъылдымыл хуысгæйæ æрзилы йæ гуыбыныл, иу мæйы фæстæ уе ‘ххуысæй æрбаддзæн æмæ суанг лæугæ дæр скæндзæнис.
Кæд æмæ сывæллон 3-4 мæйы кары йæм-иу чидæрид-дæр бахудт, уыдонмæ худтис, уæд ныр та лыстæгдæр кæсы цæсгæмттæм æмæ бахуды æрмæстдæр зонгæ йын чи у, уыдонмæ, нахуыр искæй куы фена, уæд гæнæн ис фæтæрса æмæ кæугæ дæр скæна.



  СЫВÆЛЛОНМÆ ЗИЛЫН
  
Чысылмæ фидар кæнынц бирæ цайдагъдзинæдтæ – хорз дæр æмæ æвзæр дæр. Бацархайут, цæмæй ма фæцайдагъ уа йе 'нгуылдз дæйыныл. Сывæллон йæ бын куынæ схуылыдз кæна, афтæмæй куы райхъал уа, афтæ ма хæрдæй 15-20 минуты фæстæ æмæ фынæй кæныны размæ æттæмæ йæ акæсыны тыххæй йæ рæвæрут уæ уæрджытыл æмæ йын бæрæг зæлтæм гæсгæ æмбарын кæнут цы аразын æй хъæуы, уый. Уыимæ ма уæ зæрдыл дарут уый дæр æмæ уын уæ сывæллон 18 мæйы карæй раздæр кæй нæ бамбарын кæндзæнис туалет æй кæй фæнды æмæ йæ бафхæрынæй та раст нæ бакæндзыстут уымæ ахасты, уæхицæн та фехалдзыстут уæ нуæтрттæ.
Сывæллонæн йæ дыууæ дæллаг лыггæнæн дæндаджы ссæуынц 6-7 мæйы кары. Уыцы рæстæджы сывæллонæн схизы йæ тæвд, фæтыхсынц æмæ сæ фæхæрынц сæ мылытæ. Уæ бон у æмæ мылыты байсæрдат сæрмагонд мазæй. Радтут æм ахæм резинæ хъазæн кæцыйы йæ бон аныхъхъуырын нæ бауыдзæн æмæ йыл хафдзæнис йæ мылытæ (ахæм хъазæны арæх хъуамæ æхсат сапонæй!).
 
  Сывæллонæн хъазæн йæ къухы ма хъуамæ рæвæрат, фæлæ йæм æй хъæуы бадарын æмæ йæ йæхæдæг айса. Сбадын æй кæнут манежы хъазæнтимæ иумæ. Хуыздæр у цæмæй хъаза йæхæдæг, фæлæ йæ уæддæр 10 минутæй фылдæр ма ныууадзут.
Уæ зæрдыл дарут: хорз у, цæмæй сывæллоны райсомæй æууæрст скæнат хъарм доны кæй схуылыдз кæнат æмæ ныллæмæрат, ахæм фæлмæн хъуымацæй.
Æнæдымгæ рæстæджы уæлдæфы температурæ 100С дæлдæр куынæ уа, уæд сывæллоны уæлдæфмæ акæнын хъæуы 2-3 сахаты..
 


ХÆРÆН КÆНЫН
 
  Сывæллонæн радтут:
  Цæхæрадоны халсæртæ сын радтут фых пюрейы хуызы.
  Дыргъы дон. Райдайут фæткъуыйы, туаг балы, атъамийы ноглæмæрст дæттæй. Уыдон схæццæ кæнут æхсыст доныл æмæ сын радтут 60 мл. уый фæстæ йæ сырæзын кæнут 120-220 мл-мæ.
  Дыргъы дон сабийæн дарын хъæуы чысыл агувзæйæ. Гæнæн ис æмæ спайда кæнат сæрæхгæд былджын агуывзæйæ. (хуыздæр у дыууæ хæцæнимæ)
Сывæллонæн ма бадарут цæттæ дыргъы ароматон нуазинаг!
  Хафæныл хафт дыргъ. Уымæй йын радтут бон иу хатт 1 цайы уидыджы дзаг. Фыццаг азы дæргъы сывæллонæн максималон æгъдауæй бæрц, кæнæ та бынтондæр ма дæттут сæрджын æмæ цæхджын хæринæгтæ, айчы урс, хъуджы, сæгъ хсыр, мыд, æууилгæ продукттæ: æхсæр, æнгуз, нæмыгонтæ, сæнæфсир, хафæныл кæй нæ ныххафай, ахæм дыргъ, дзидзайы кæрдих. Уæ зæрдыл дарут уый дæр æмæ пырындзы фых къуылымпы кæны хæринаджы цыд тъæнгты.   Уырыдзы æмæ памидоры дон, сау члауийы æмæ абрикосы кас та сæ кæнынц тагъддæр. Тъæнгты 'лхынцъы рæстæджы сывæллонæн æхсæвæрыл бахæрын кæнут 2-3 уидыджы сау члауийы кас.




  ДОХТЫРЫ АМЫНДТÆ
   Уæ сывæллоны уын 5 мæйы кармæ зынгæбæрцæй хъахъхъæдта мады организмæй нырма уал тугæй, стæй та æхсыры фæрцы алæвæрдгонд имуноглобулинтæ. Ныр та чысыл у æрмæстдæр йæхи иммунитеты æвджид. Уымæ гæсгæ 1,5-2 азы кармæ, цалынмæ йæ иммунитет сфидар уа, уæдмæ йæ тынг бахизут респираторон (парахат кæны уæлдæфæй-хуыфынæй, æхснырсынæй) æмæ ахсæн-тъæнгты инфекцитæй парахат кæны хæринæгтæй, донæй.
Сывæллонмæ бæрзонд температурæ куы уа, йæ ахсæн куы стæнæг уа, куы ома, йæ зæрдæ хæрд куынæ агура, цъутхæлттæ йыл куы разайа, онгуагъд куы уа, тагъд-тагъд куы улæфа, кæнæ та æнкъард куы уа, йæхи æвзæр куы хата, уæд алы хатт дæр бацæут дохтырмæ.
  Кæд æмæ сывæллонæн æвиппайды райдыдта фарсы рыст характерон кæмæн у ахæм рыстытæ. Ахæм рыст цалдæр минуты куы ахæсса æмæ та стæй 15 минутæй иу сахатмæ ногæй куы райдайа, уæд уый нысан кæны тъæнгты фехгæд (инвагинаци).

Сывæллонæн мæйы кæронмæ йæ асмæ хъуамæ бафта 2 см. æмæ йæ уæзмæ та 400-600 граммы.

Куы райгуырдис, уымæй та йæ уæз хъуамæ уа дыууæ хатты фылдæр.




 





 
  © 2006 www.bavshvi.ge