|
|
 |
|
|
|
|
|
|
|
ФÆНДЗÆМ МÆЙ
РÆЗТ
Уæ чысыл хурыл сæххæст цыппар мæйы
Зонын уæ райдыдта, йæ цæстытæ хæссы уæ фæдыл, разил-базил кæны йæ сæр, зæлтæ
кæцæй байхъусынц, уыцы рдæм, чысылгай æвзары дзырдты мидисы, æмбары хъæлæбайы
интонацийы, худы хъæрæй, йæ къух бадаргъ кæны йæ цуры ауыгъд хъазæнмæ, фæкæсы йæ
къухтæм, йæ гуыбынæй æрзилы йæ чъылдыммæ. Исчи йæм куы баввахс вæййы, уæд
цæстытæ уæрæх байгом кæны æмæ равдисы хъæлдзæг кæнæ тасы нысан.
Сывæллон у фаг активон, архайы йæ бынат иу ранæй иннæ ранмæ аивыныл,
быры йæ цыппæртыл. Ахæм рæстæджы йæм хъæуы уæлдай хъусдард, цæмæй ма рахауа,
мацы аныхъуыра. Уæ бон у æмæ йæ нывæрат манежы.
Чысылы алы райхъалыл дæр сæмбæлут цингæнгæйæ. Арæх дзурут йемæ, уæ ныхас хъæздыг
кæнут интонаци æмæ дзырдтытæй. 4-5 мæйдзыд сывæллон æнцонтæй хивæнд кæны, уымæ
гæсгæ йæм дзурут арæхстгай ахаст-ма йæ фæцадагъ кæнут къухмæ исыныл, мадæр æй
хуыссæнты схуыссын кæнут уæ тыхстдзинад æмæ йæ иудзæвгар иунæгæй фæуадзут.
Арæх хъазут сывæллонимæ, фæлæ йæ ма бафæллайын кæнут, йемæ дзурут цыма уе
'мбал у, афтæ, фæлæ гуылывзаг дзырдтæ ма дзурут нæдæр ныр æмæ нæдæр дзурын
куырайдайа, уæд. Бирæ хъазæнтæ йын иумæ ма радтут, сдыгъуырццæг уыдзæнис. Йæ
хъазæнтæ йын ахæм ран æрцауындзут, цæмæц сæм æнæфыдæбонæй ма баххæсса. Уæ зæрдыл
бадарут, сывæллон ирд, æрттиваг хуыза хъазæнтæ фылдæр кæй уарзы.
Кæд æм исты предмет цымыдис равзæрын кодта, уæд æм æй æввахс бакæнут æмæ
йын æй фенын кæнут. Сахуыр æй кæнут цæмæй хъусдард здаха æппæтмæ дæр.
|
 |
СЫВÆЛЛОНМÆ
ЗИЛЫН
Туалет ын бон саразут 2 хатты – райсомæй æмæ изæрæй. Ныннайут æй æхсидгæ
чи нæ ракæна æмæ 320С хъарм чи уа, ахæм доны. Сыгъдæг уæлдæфмæ йæ атезгъо кæнын
кæнут 2-3 сахаты кæнæ ноджыдæр фылдæр. Хуры ваннæтæ йын райсын кæнут хъарм
боныгъæды, райсомæй (иууыл фылдæр 15 минуты).
Уæ зæрдыл дарут сывæллон цæмæй сфæлтæра, уый тыххæй йын рекомендаци цæуы
туалет кæныны рæстæджы йæ буар сæууæрдат хъарм доны тылд æмæ лæрст фæлмæн
хъуымацæй. Нырма уал йæ къухтæ æмæ йæ риу æмæ сæ басур кæнут, скæнут ыл хæдон
æмæ йын уый фæстæ та рæвналут йæ къæхтæм
ХÆРÆН
КÆНЫН
Сывæллонæн радтут:
Мады æхсыр цас æй хъæуы, уыййас кæнæ хæдаразгæ хæринаг бон 5 хатты (иууыл иуммæ
800-900 мл.).
6 мæйы онг кары сывæллонæн æнæмæнгхъæуæг нæу æрдæгхъæбæр хæринæгтæ зæгъæм, пюре,
кас (фæлæ кæд уæддæр сфæнд кодтат, цæмæй йын бахæрын кæнат, уæд та зæрдыл
бадарут: райдианы йын пырындз, цъой) кæнæ цæхæрабоны халсæрттæй арæзт кас
бафæлварут бахæрын кæнын; фыццаг хатт 1 цайы уидыджы дзаг кас 2-3 хæрыны уидыджы
дзаг мады æхсыримæ кæнæ йæ хæдаразгæ хæринагыл схæццæ кæнут.
Кæд æмæ йын æнцонтæй батайа, уæд цадæггай касы бæрц фæфылдæр кæнут 1/3 уидыджы.
Онг. Уымæ гæсгæ рæздзæнис цы 'хсыр æм хъуамæ бафтауат, уый бæрц дæр.
Сывæллон сæрæй гæнæн ис æмæ ма бахæра кас, фæлæ уый афтæ нæ нысан кæны æмæ
хæринаг йæ зæрдæмæ нæ фæцыдис. Нæ, уый йын у ногдзинад æмæ йыл хъуамæ фæцайдагъ
уа. Уымæ гæсгæ ма батагъд кæнут хæринаджы иу хуыз иннæмæй баивыныл.Æрдæгхъæбæр
хæринаг сывæллонæн ботлайæ ма радтут, спайда кæнут æвзист кæнæ пластмассæй арæзт
уидыгæй. Уидыг тынг къуырф ма хъуамæ уа. Фыццаг уидыджы дзаг æм бадарут хорз
зæрдæйы уагыл куыд уа, афтæмæй. Кас ын радтут æхсыр уæм иууыл цъусдæр куы уа,
уæд – фæсæмбисбон æмæ рагизæры.
ДОХТЫРЫ
АМЫНДТÆ
Кæд æмæ сывæллонæн йæ агъды рæбыны рæзыны рæстæджы сæры рыстытæ
уа, уæд гæнæн ис æмæ уым фæфидар уа. Уый вæййы æндыгъд æмæ йæм къухæй бавналгæйæ
тынг фæриссы. Сывæллон вæййы, знæт, кæуы, хъыллист кæны, раздыхс-баздыхс кæны
æмæ тилы йæ къæхтæ. Ахæм рæстæджы бацæуын хъæуы сывæллæтты хирургмæ! Кæд æмæ
лæппуйæн йæ дыууæ тауинагдоны рæзынæгæн дæр басгарæн нæ вæййы, уæд æй фенын
кæнут дохтырæн.
Кæд мæ уымæй размæ уæ сывæллонæн ноджыдæр иу хатт уæддæр уыдис ахæм рыстытæ, уæд
уæ бон у æмæ æнæаргъæй раиртасын кæнат ис ын æви нæ алергкæнæ астмамæ исты
рагиудзинады ахаст. Ацы низтæй гæнæн ис æмæ сывæллоны фервæзын кæнат раст æм
зилгæйæ.
Уæ зæрдыл дарут: сывæллон гомдзыхæй куы фынæй кæна, уæд гæнæн ис æмæ йын зын
кæна фындзæй улæфын. Ахæм рæстæджы йæ фенын кæнут хъуыр-хъус-фындзы дохтырæн.
Чысыл мæйы кæронмæ йæ асмæ хъуамæ бафта 2 см. æмæ йæ уæзмæ та 400-600 граммы.
|
|
|
|
|
 |
|
|