ЦЫППÆРÆМ МÆЙ
РÆЗТ
Уæ чысыл хурыл цæуы æртæ мæйы.
Йæ гуыбыныл хуысгæйæ йæ сæр хъæддыхæй уромы æмæ æнцой кæны йæ къухтыл дæр.
Йæ бон у йæ къух размæ радаргъ кæнын дæр. Змæлгæ чи кæны æмæ нæ кæны, уыцы
предметтæм нымдзаст вæййы. Йæ мидбылхудты ис хъуыды æмæ æвдисы разыдзинад. Йæ
дыгъал-дыгъул цаддæгай кæны мелодион.
Сывæллоны æрвылбон дæр 10 минуты байхъусын кæнут музыкамæ, уæхæдæг дæр ын
азарут. Хаттæй-хатт ын йæ хисдæр хо æмæ æфсымæрæн дæр радтут бацин ыл кæной,
апъа йын кæной, уæ хъусдарды бын ын бахæрын кæной.
Спайда кæнут «Кенгуру»-йæ, кæцы æнцонаразæн дæр у æмæ пайда дæр – чысылы сабыр
кæны йæ ныййарæджы буарыл куы фæныдзæвы, уæд уый. Хуыздæр у æмæ сабийæн йæ
гуыбын уа уе 'рдæм æмæ кæса фæрсæрдæм.
3-4 мæйæ фæстæмæ спайда кæнут манежæй. Чысылы цъус рæстæг ныууадзут иунæгæй,
радтут ын змæлыны фадат. |
 |
Йæ онг хъазæнтæ йын ныхсут сапонæй. Йæ хъазæнæн йæ ас хъуамæ уа, цæмæй йæ
сабийæн йæ бон аныхъуырын ма уа. Уæ зæрдыл дарут хъуымацæй хъазæн гигиенон кæй
нæу
СЫВÆЛЛОНМÆ
ЗИЛЫНКæд æмæ уæ сывæллон кæуы, къухмæ йæ сисат, ныхъхъæбыс ын кодтат,
нанатæ æмæ йын цыцытæ адзырдтат, акафын æй кодтат, азарыдыстут ын, уæддæр ын ма
бахæлæг кæнут уæ уарзт, уымæн æмæ ацы кары дæр сабитæ нæ вæййынц коммæгæс.
Фынæй йæм куы цæуа, уæд æй схуыссын кæнут, цалынмæ ма хъал уа, уæдмæ афтæмæй
сывæллон йæхæдæг «схуыр уыдзæнис фынæй кæныныл». Азарут ын аллол-лай, зæгъут ын
хæрзфынты фæндиæгтæ æмæ йын хуыссæны йæ рæвæрыны ыгъоммæ апъа кæнут. Бацархайут,
цæмæй йæ ма фæцайдагъ кæнат хуыссæнты узын.
Боны режимы та ам дæр ногæй ис райсом æмæ изæры туалет, найын æмæ хуры ваннæ,
кæд æмæ æдтейæ температурæ 180С къаддæр нæу, уæд. 2-3 сахаты сатæг боныгъæды йын
ис атезгъогæнæн, кæд дымгæ нæ кæна, уæд. Хорз боныгъæды чысылы схуыссын кæнут
балконы.
ХÆРÆН
КÆНЫН
Сывæллонæн радтут:
Мады æхсыр-бон 6-7 хатты кæнæ хæдаразгæ хæринагæн йæ этикеткæйыл цы фæткойтæ ис
уыдон дырысæй хъахъхъæнгæйæ – 140 мл.-йæ 200 мл. онг 3,5-4 сахаты интервалы (бон
680-900 мл.)
3-6 мæйы кары сывæллон æхсæвы 11-12 сахатмæ нæ райхъал вæййы æмæ йын æхсæв ма
хæрын кæнут.
4-6 мæйы кары сывæллонæн æрдæгхъæбæр хæринæгтæ (кастæ, пюретæ) хæрын кæнын нæ
хъæуы.
Дон æмæ йын витаминтæ радтут дохтыры амындмæ гæсгæ.
ДОХТЫРЫ
АМЫНДТÆ
Кæд æмæ сывæллонæн периодиконæй йæ цармыл æргом сырх тæппытæ зына, уыдон скæнк
уой, уæд уый гæнæн ис æмæ уа алерггийы фыццаг фæзынд. Ахæм рæстæджы сывæллоны
фенын кæнын хъæуы алергологæн. Кæд алергийырдæм здæхтдзинад сывæллæттæм
ныйарджытæй вæййыы, уæддæр æмбæлон мадзæлттæй гæнæн ис æмæ фæрынчын кæныны цауæй
фервæзын чындæуа.
Куы фефиппайат сывæллонæн йæ агъды раззаг уæлцъарыл æмхуызон бæрцæй чи не сты,
ахæм æнцъылдтæ ис, иу къах ын иннæмæй цыбырдæр у, къæхты фæйнæрдæм йæ бон
сæрибарæй акæнын нæу, уый тыххæй фехъусын кæнут сывæллæтты ортопедæн.
Уæ зæрдыл дарут: сывæллоны рæзт, уыцы нымæцы йæ уæз æмæ дæргъмæ æфтыны зонæнтæн
характерон сты бирæ индивидуалон хиæдтæ. Уæ сывæллоны рæзты æмвæзад, гæнæн ис
æмæ ма уа зонæнты хуызæн, фæлæ уый тыххæй уæ нуæрттæ сабыр дарут! Бацæут
дохтырмæ. Уый сбæлвырд кæндзæнис хоскæнын ын хъæуы, æви ма банкæлмæ кæсын, уый.
Сывæллонæн мæйы кæронмæ йæ асмæ хъуамæ бафта 2,5 см. æмæ йæ уæзмæ та 400-600
граммы.
|