Д Ы К К А Г М Æ Й
РÆЗТ
Уæ чысыл хурыл сæххæст иу мæй. Дыккаг мæйы дæргъы уый бирæ цыдæртæ
бахондзæнис, фыддзах хатт уæм бахуддзæнис йæ мидбылтæ, фыццаг хатт
бадыгъал-дыгъул кæндзæнис, æркалдзæнис фыццаг цæстыг-тæ. Мæйы кæрон
бацархайдзæнис йæ бæрзæй разилыныл æмæ йæ сæр бауромыныл, йæ цæст ахæсдзæнис
змæлгæ чи кæны, ахæм хъазæныл, ныххæцдзæнис дзыгъал-мыгъулгæнæг хъазæныл, иттæг
зæрдиагæй байхъусдзæнис сабыр, мелодикон музыкæмæ, дзæнгæрæджы зæллангмæ,
банкарын уын кæндзæнис уемæ æмахаст æй кæй фæнды.
Йæ чъылдымыл хуысгæйæ сывæллон алыхатт дæр фæкæсы сисы ныхмæвæрд фарсмæ.
Цæмæй йæ сæры формæ ма фæива, сывæллоны радгай схуссын кæнут, куы иу куы иннæ
фарсыл.
СЫВÆЛЛОНМÆ
ЗИЛЫН
Сывæллонæн туалет саразын хъæуы дыууæ хатты – райсомæй æмæ изæрæй. Йæ къухтæ йын
ныссæрфут хуылыдз бæмбæгæй æмæ йын сæ басур кæнут арæхстгай. Найут æй æрвылбон
дæр (уазал мæйты алы дыккаг боны), Сывæллон нæ уарзы, нæдæр тынг хъарм æмæ нæдæр
æгæр сатæг дон. Уымæ гæсгæ йæ хъæуы барын. Доны æмæ сывæллоны цармы тмпературæтæ
хъуамæ уой æмхуызон 35-370С.
Скæнут ыл ивæнтæ æмæ дыууæ хæлафы: нырма уал тæнæг чи у, уый зыгъуыммæ
фæлдæхтæй, цæмæй йын йæ хуыдтытæ йæ буарæн ма базиан кæной, стæй та бæзджын æмæ
хъарм хæлаф. Афтæмæй сывæллонæн йæ къæхтæ уыдзысты сæрибар æмæ йæхи æнкъардзæнис
хуыздæр.
Хъарм рæстæджы йын алы дыккаг бон райсын кæнут хуры ваннæ. Хуры тынтæ хъуамæ
æмбæлой йæ бæгънæг буарыл. Райдайут 15 екундæй æмæ йæ цадæггай схизын кæнут иу
минутмæ.
Периодикон æгъдауæй йын аразын кæнут фæлтæрæнтæ: уыцыиу рæстæджы сывæллонæн
скъæдз кæнут йæ къæхтæ æмæ йын сæ стæй акæнут фæрсæрдæм.
|
 |
Сывæллоныл ма фæлварут бафынæй йæ кæныныл, уый уын йæхæдæг «фехъусын кæндзæнис»
фынæй кæнын æй кæд фæнда, уый. Ма йæм радтут сайæн дæйæн, кæд æмæ æнæуый дæр
бафынæй уа, уæд. Кæд æмæ йын æхсæв æмæ бон схæццæ сты, уæд-иу æй райхъал кæнут
бонæй. Кæд æмæ сывæллон у фæлурс, хæкъуырцц кæны, йæ бæрзæй, фындз кæнæ къæхтæ
уазал сты, хъæр кæны æмæ кæуы, уæд ын, æвæццæгæн уазал у. Фенут æй йæ бын кæд,
мййаг, не схулыдз кодта.
Кæд æмæ сывæллон тæвд у, тилы йæ къухтæ æмæ йæ кæхтæ, йæ буарыл
фæзындысты сырх тæппытæ, цъæххаст кæны æмæ кæуы, уæд ын, æвæццæгæн, тæвд уæмæ
йыл скæнут тæнæгдæр пысултæ.
Кæугæ æмæ знæт гæнæн ис æмæ кæна йæ пысултæ йæ куы лхъивой, уæд дæр.
ХÆРÆН
КÆНЫН
 
Сывæллонæн радтут:
Мады æхсыр цас æй хъæуы, уымæ гæсгæ 8 хатты суткæйы дæргъы 2,5 – 3,5
сахаты интервалимæ кæнæ та хæдаразгæ хæринаг суткæйы дæргъы 6 хатты 100-130
мл.онг 3 – 3,5 сахаты интервалимæ (æмткæй – 600-780 мл.).
Кæд æмæ уын дохтыр загъта, уæд сывæллонæн радтут дон æмæ витаминтæ.
Кæд æмæ сывæллон хæдаразгæ хæлц хæра; уæд ын-иу хатт хъуамæ бахæрын кæна
йæ фыд кæнæ хæдзары иннæ бинонтæй исчи дæр.
ДОХТЫРЫ
АМЫНДТÆ
Кæд æмæ уæ чысыл хур йе’ нгуылзд кæнæ йе взаг дæйа, уæд ын бон 2-3
хаты 10-15 минуты дæргъы радтут сайæн дæйæн.
Ис гæнæн æмæ сывæллонæн ратых кæна æхсыр хæринаг. Кæд æмæ дзыхы сæт куы
фæзына, кæнæ куы фæфиппайат аппетит æм уæвгъæйæ йын хæрын зын кæны (зыдæй радæйы
цалдæр хъуртты æмæ скæуы, афтæмæй йæ дæйын фæуадзы) уæд бацæут дохтырмæ.
Кæд æмæ сывæллон бахæрдæй æрдæг кæнæ иу сахаты фæстæ сцъæхахст кæны, кæуы,
йæ къæхтæ тилы, йæ цæстытæ сты цъынд æмæ йæ ных ссывд у, уæд гæнæн ис æмæ йæ
хъыгдарой газтæ. Уыдон сты рыстытæ, кæцытæ сывæллæтты 20%-æн вæййынц 3 къуырийæ
æртæ мæйы кармæ (арæхдæр та изæрыгæтты). Чизоны йын бухъхъытæ кæнын баххус уа.
Уæ бон у æмæ йæ æрхуыссын кæнат хисæрфæны тыхт хъарм истæуыл, радтат ын «сайæн
дæйæн», йæ гуыбыныл ын сахаты фатæджы зылдмæ гæсгæ уадзут уæ хъарм къух, нывæрут
æй хъарм доны, кæнæ йын бакæнат газтæуадзæн хæтæл. Сисут æй уæ къухы æмæ йæ
рахæссæ-бахæсс кæнут риумæ йæ нылхъивгæйæ. Ахæм кары вæййы хивæндмиты
тæссагдзинад!
Кæд æмæ кæуа ныллæг хъæлæсæй, кæнæ та хъыс-хъыс кæна, тагъд-тагъд улæфа, æмæ
онгуагъд уа, уæд ын йæ температурæ йæ рст тъанджы (уæ зæрдыл дарут, уым
температурæ 0,4 –0,50С-æй фылдæр кæй уынын кæны, ома 37,70С-йы онг нымад цæуы
нормæйыл. Æнæмæнг фæдзурут дохтырмæ.)
Дохтырмæ цæуын фæхъæуы кæддæриддæр, сывæллонæн йæ хуыз йæ мидæг куы нæ уа,
кунæ хæра, тагъд-тагъд куы улæфа, йæ губын тæнæг куы уа, куы ома, тæвд, уазал
кæнæ онгмард куы уа. Иудзырдæй, куы дызæрдыг куы дызæрдыг кæнат сывæллон рынчын
у æви нæ ууыл, уæд.
Æрфæрсут невропатологы кæд æмæ сывæллон арæх нæ бадæйы æхсыр, æмхуызон
тыхт нæ вæййы ассиметрион, бæрзæй, зæвæттæ, йæ фындз æмæ йæ былтæ цъæх фæлгъуыз
куы вæййынц.
Сыввæллон мæйы кæронмæ хъуамæ фестырдæр уа 3 см. æмæ йæ уæзмæ та бафта
600 граммы
|