Main PageSite MapContact


  Фыццаг мæй


  Ногггуырд сывæллон фыццаг мæй фылдæр 12-18 сахаты фæкæны фынæй. Райкал вæйы æрмæстдæр куы сæххоргам вæййы кæнæ йæ исты куы фæхъыгдары фынæй кæнынæн. Йе змæлдтытæ нырма вæййынц, хъуыды кæм нæ вæййы, ахæмтæ.
  3-5 боны кары сывæллонмæ кæныны рæстæджы фæзыны рефлекс, 3 къуыридзыдæй йæ гуыбыныл хуысгæйæ фæархайы йæ сæр уæлдæфы бауромыныл, сдзуры зæлтæ "а", "е". 3-4 къуыридзыдæй йæ цæстытæ змæлын кæны координацигондæй, фиксаци кæны 60-100см. хæстæг æм цы предметтæ сты, уыдон. Ацы кары сывæллон йæ разы цы вæййы уый фæуыны мæгуырау. 3 къуырийы онг та фæтæрсы рухсæй дæр. Уымæ гæсгæ йæ бахизут ирд рухсæй, фæлæ йын æгæр талынг дæр ма саразут, уымæн æмæ йæм фæлтæры йæ цæстытæ.
  Ноггурдыл суанг райдианæй уæ бон у æмæ скæнат фæлмæн трусик, кæнæ йæ батухæт иувæлдах хъуымацы.Йæ къæхтæ йын нæ хъæуы æлхъывд тыхт бакæнын. Тухæнты æхсын хъæуы сывæллæты сапонæй (æхсæн ссадæгæй ма спайда кæнут буарæн зиан кæны), рафыцут сæ æмæ сæ, æнæмæнг, дыууæрдыгæй дæр ныиту кæнут. Уый домы бирæ куыст, фæлæ цас уæ чысыл хур сыгъдæгдæр æмæ хуыздæрдæр уавæрты уыдзæнис, уыййас цъусдæр фыдæбон кæндзæнис.
  Уазал куы уа, сывæллоныл скæнут йæ дысгæ хуыд кæмæн сты, ахæм хæдон. Хæдзары йыл худ ныккæнут æрмæстдæр куы йæ ныннайат, уый фæстæ. Йæ тухæнтæ йын рагацау схъарм кæнын нæ хъæуы. Тухæнтæй пайда кæнгæйæ ма спайда кæнут зетийæ.Буарæн цæмæй ма базиан чындæуа, тыххæй пайда кæнут специалон сæрдæн хосæй.
  Ноггуырдыл æрвылбонон туалет райсомæй хæрды размæ райдайы. Чысыл хурæн, йæ цæсгом ныссыгъдæг кæнут чи рафыхтис, ахæм хъарм доны кæй стылдтат, ахæм бæмбæгæй. Йæ цæстытæ та йын ныссыгъдæг кæнут æхсыст хъарм доны стерилон бæмбæджы тампонæй сæ æттаг къуымтæй райдайгæйæ фындзы рдæм. Дыууæ цæстыл дæр нæй гæнæн æмæ сæ сыгъдæг кæнат уыцыиу тампонæй.
  Йæ фындзы хуынчъытæ йын сыгъдæг кæнын хъæуы вазелины схуылыдзгонд бæмбæджы тулайæ. Бæмбæг ма стухут спичкайыл!
  Йæ хъустæ йын ныссыгъдæг кæнут сур стерилон бæмбæгæй (уæ зæрдыл дарут кæй нæй гæнæн хъусæн хæтæлы сыгъдæг кæнынæн).
  Йæ хъæлæс ын нæ хъæуы расыгъдæг кæнын.
  Æрвыл бон дæр ын сыгъдæг кæнут йæ бикъ донгуыры уæлтуагæй æмæ брилианты цъæх хосæй. Ахсæны алы архайды фæстæ йæ рахсут æхсыст хъарм донæй. Чызджы хъуамæ ныхсат разæй райдайгæйæ фæстæрдæм. Лæппуйæн та уæлдай нæу. Куы басур уа, уæд ын йе счъилтæ байсæрдут стерилон вазелин кæнæ сывæллæты кремæй.
  Æхсæз мæйы онг кæуыл цæуы, уыцы сывæллоны æрвылбон дæр кæнæ алы дыккаг бон хъæуы найын. Хуыздæр у йæ фынæйы, кæнæ йын фæстаг хатт хæрын кæныны размæ. Ваннæйы 5-7см. бæзнæн ныккæнут йæ хъарм 370С куыд уа, афтæ. Гæзæмæ йæ сахурут калийы пермагананты тадтæгæй (кристалтæй нæ, фæлæ). Кæд сывæллонæн йæ царм сур кæны, уæд ын калийы перманганты бæсты дыууæ уидыджы чередайы дывæр фæлтæры филтрацигонд æвзалыйæ спайда кæнут. Ваннæйы бынæй байтаут сыгъдæг хъуымац. Сывæллоны схуыссын кæнут уæ галиу къухыл йæ сæр æмæ йæ фæсонтыл, рахисæй та йæ, рагацау кæй бацæттæ кодтат, уыцы бæмбæджы тулатæй ныхсут сывæллæты сапонæй кæнæ шампунæй. Куыри спайда кæнут æрмæстдæр иу кæнæ дууæ хатты ныннайыны фæстæ йæ стулут иу градусы хъарм чи уа, ахæм сатæг доны. æвиппайды йæ стухут хъуымацы æмæ йæ арæхстгай басур кæнут. 8-9-æм бонæй райдайгæйæ, сывæллоны æрвылбон дæр, кæд дымгæ нæ уа, уæд æй атезгъо кæнын кæнут.
  Кæд æмæ сывæллонæн иу æхсæв æмæ бон йæ ахсæн не скуыста, уæд ын саразут клизма.
  Сывæллоны клизмааразæн рафыцут æмæ йæ байдзаг кæнут хæдзары температурæ цас у, ахæм хъарм æхсыст донæй. Клизмааразæн цъупп байсæрдут вазелинй, рауадзут дзы цалдæр æртахы, æулдæф æм ма хъуамæ бацæуа æмæ ма ныддымса. Сывæллоны схуыссын кæнут галиу фарсыл æмæ йын йæ къах скъæдз кæнут, цæмæй дон фæстæмæ ма ракæна, уый тыххæй йын йе’рба-дæнтыл иу минуты дæргъы хæцут къухæй. Кæд æмæ ахсæн уæд дæр не скуса, уæд процедура ногæй сфæлхат кæнут. Кæд æмæ сывæллон иннæ бон дæр нæ акастис йæхигъæдæй, уæд бацæут дохтырмæ.
  Райгуырдæй 28 боны онг нымад цæуы "ноггуырдыл". Растдæр уыййас рæстæг хъæуы, уæ чысыл хур адаптаци цæмæй скæна, уый тыххæй. Уымæн вæййы вазыгджын хъуыдтæгтæ саразинаг - йæ чысыл дæр куысты фæтк æмæ режимыл рацараза, фæцайдагъ уа æддагон сюрпризтыл. Уымæ гæсгæ ацы период æнхъæлмæгæсæн ис йæ цæсгомыл чысыл цъутхалтæ рацæуынмæ, схом уа йæ бæрзæй, йæ дæлæрмттæ æмæ сагæхтæ, хатт фехснырсы, фæхуырхуыр кæны, йæ цæстытæфæзылынтæ кæны, кæуыны рæстæджы йæ улæфт фæуромы, роцъо фæзылын кæны, фæзырзыр кæны, (дыууæ къуырийы кары онг), сбур кæны 10-12 боны кары, туг нытæдзы йæ цæсты урсыты.
  Ахæм фæзындтыты тыххæй лæмбынæг радзурут дохтырæн.
  Хаттæй- хатт сывæллон вæййы уæнгмард æмæ фæллад, кæй стæвд вæййы, уымæ гæсгæ, зыдæй фæнуазы дон, йæ тæвд схизы 38,50С-мæ. Ахæм рæстæджы уæ хъус бадарут хæдзары тæвд мыййаг ма уæт, кæнæ йыл хуры тынтæ кæд нæ ныдзæвынц – кæд афтæ у, уæд ыл скæнут рогдæр, тæнæгдæр пысултæ, фæлæ уæ хъус бадарут, цæмæй ма суазал уа. Сæрды сывæллоны бахизут æрдзон хæлцæй йæ хæдаразгæ хæлцмæ рахизын кæнынæй, тъæнгты инфекцитеæй уалдзæг æмæ фæззæджы. Зымæджы йæ бахизут суазалæй, уалдзæджы та – зайæгойты рыгæй.
   Æнæмæнг бацæут дохтырмæ кæд æмæ:
  • сывæллонæн схызтис йæ тæвд, улæфы тагъд-тагъд, тыхсы;
  • алы къыури дæр йæ уæзмæ 'фты 150 граммæй цъусдæр;
  • йæ буарыл ис хæфцъутхæлттæ, кæнæ акæсы хæфхæццæ;
  • у æнкъард, хæринаг нæ хæры;
  • арæх омы;
  • йæ бурдзинад баззадис дыууæ къуырийы фæстæ дæр.

   Æвæстиатæй бацæут дохтырмæ, кæд æмæ:
  • къæбуты, чъылдымы, æрба-дæнты алфæмблай фæсырх, батасыд (ноггуырды флегмона);
  • æхсыры рæзнджыты куы сыстыр уой, куы схъæбæр уой, фариссой æмæ куы ссырх уой (ноггуырон мастит);
  • бикъы алварс куы барæсиа æмæ куы ссырх уа, бикъæй æдтæмæ тæнгъæд куы цæуа (омфалит).

  Фыццаг мæйты сывæллон арæх фæомы, фæкалы йæ комы фынк æмæ фæкæны хæкъуырццытæ. Гæнæн ис æмæ омдзæг бахауа йæ мæнгхурмæ. Уымæ гæсгæ йæчъылдымыл
  кæнæ йæ фарсыл цы сывæллон фæхуыссы, уымæн йæ къæхтæй йæ сæр хъуамæ уа бæрзонддæр, фæлæ уый тыххæй базæй нæ хъæуы пайда кънын. Хуыздæр у æмæ йæ сæр куы иуæрдæм куы иннæрдæм зылд куы уа.
   Æххормаг куы вæййы сывæ-ллонæн, уæд нын æй бамбарын кæны кæуынæй, фæлæ кæуын алы хатт æххормаг ын у, уый нæ нысан кæны. Гæнæн ис æмæ кæуа уазал ын куы уа, йæ бын схуылыдз кæна, йæ гуыбын куы рисса, бухъ кæнын æм куы цæуа æмæ а.д.
  Куыд фæтк, афтæ сывæллон йæхæдæг бакусы йæ хæрыны режим, фæлæ сымах - æн дæр уæ бон у æмæ йын баххуыс кæнат хæрыны, фынæй кæныны, хъал куы уа, уыцы периодтæ фæдфæдыл срегуляци кæныны хъуыддаджы.
  Дзидзи куы дæйа уæд сывæллоны фыццаг къуырийы дæргъы хъал кæнын хъæуы алы 3-3,5 сахаты иу хатт (æхсæв дæр æмæ бон дæр).
  • Кæд æмæ уæ бахъæуа радуцгæ кæнæ доноры æхсыр дæр бафитауын, уæд пайда кæнут пипеткæйæ, уидыгæй, къусæй, пайда кæнут афтæхуыйнæг адаптацигонд хæдаразгæ хæринаг (туаг æхсыр нæ, фæлæ);
  • хæринаг цæттæ кæнут сыгъдæг мигæнæнты æмæ йæ кæнут стерилизацигонд æвгты: ссадæг тайын кæнут æхсыст доны 50-550С градусы онг æй ныууазал кæнгæйæ;
  • пайда кæнут æрмæстдæр ногæй сцæттæгонд хæринагæй;
  • хæринæгтæн сæ температурæ хъуамæ уа сывæллоны буары температурæ цас у, уыййас (370С). пластмассæй арæзт ботлайæн (бутылка) къухæй сгаргæйæ, йæ тæвд гæнæн ис æмæ ма рахатай.

   Уымæ гæсгæ дзы цалдæр æртахы æртадзут къухы чъылдымыл; æрбадут, хуыздæр уын фæлæ авгæй (бутылка) нæй пайдагæнæн, цæмæй йæ ма «слодыр» кæнæм.
   Кæд æмæ сывæллон хæдаразгæ хæринаг хæры, уæд æй хъал кæнын хъæуы алы з,5 сахаты иу хатт, æхсæвы 6-6,5 сахаты иу хатт. Боны сахаты йæ арæй куы хъал кæнæм, уæд æхсæв уыдзыстæм ирвæзт.
   Сывæллон арæх куы хæра, уæд уый хизы организм сур кæнынæй æмæ фадат дæтты йæ нормалон уæзæн.
   Кæд æмæ сывæллон дзидзи дæйы цас æй хъæуы, уыййас, уæд ын дон дæттын нал хъæуы. Афтæ ма дон дæттын нæ хъæуы хæдаразгæ хæлц куы хæрæ, уæд дæр. æниу гæнæн ис æмæ йын дохтыр хæрдæй-хæрды 'хсæн дæттын кæна фых дон, уæлдайдæр та сæрды тæвд рæстæджы. Дзидзидай сывæллон йæхæдæг регуляци кæны хæринаджы бæрц, фæлæ сæйраг у, цæмæй бахъахъхъæнæм сæйраг фæткой: сывæллонæн хæрын кæнæм режимы домæнтæм гæсгæ нæ фæлæ кæд хъæуа, уæд. Хæдаразгæ йын хæрын кæнгæйæ та хъæуы хæринаджы дырыс бæрц зонын.

   Сывæллонæн радтут:
   Мады æхсыр – суткæйы дæргъы 8 хатты (гæнæн ис фылдæр хатт дæр) куыд дома, уымæ гæсгæ (2,5-3,5 сахаты бæрц интервалимæ) кæнæ хæдаразгæ хæлц 100-йæ 130 мл. онг 3-3,5 сахаты интервалтимæ суткæйы дæргъы 6 хатты (æмтыкæй 600-780мл. бæрц) Кæд æмæ уæ бахъуыдис сывæллонæн хæдаразгæ хæлц хæрын кæнын, уæд æххæст кæнут ахæм фæткойтæ:
  • куыд уа, афтæ æмæ сывæллоны æрхуыссын кæнут уæ цонгыл; ботлайы хъæуы æркъул кæнын æмæ йæ сывæллонæн афтæмæй радтын, афтæ цæмæй йын йæ дзыхыл ма ‘нцайа;
  • хæринаг хъуамæ едзаг кæна ботлайы хъуыр æмæ дæйæн хай, цæмæй сывæллон хæринагмæ ма æныхъхъуыра;
  • дæйыны сæр йæ формæйы дæр æмæ астæй дæр хъуамæ уа мады дзидзийы сæры хуызæн æмæ уыйас;
  • дæйæн хуынкъгонд хъуамæ уа цалдæр раны æмæ дзы хæринаг цæуа цалдæр ранæй;
  • дæйыны хуынкъæн хъуамæ уа ахæм ас, цæмæй дзы æхсыр цæуа сæрибарæй, фæлæ афтæ стыр дæр нæ æмæ дзы тæнгъæд цæуы æгæр бирæ.

  Цæмæй дæйæн ма сыздыхса, уый тыххæй йæ сабийы дзыхæй райсын хъæуы рæстæгæй-рæстæгмæ. Уымæй йын æнцондæр кæны йæ дæйыны процесс æмæ лæвæрд цæуы аулæфыны фадат.
  Сывæллоны ботлаимæ иунæгæй ма ныууадзут (ма йын æй рывæрут йæ риуыл æмæ йын æй ма радтут йæ къухмæ).
  Хæрыны дæргъвæтиндзинад хъуамæ уа 15-30 минуты.
  Уæ зæрдыл дарут уый æмæ хæрынмæ сывæллоны ахаст ивы бонæй-бонмæ йæ кар, индивидуалон хиæдтæм æмæ рæзты темптæм гæсгæ.
  Витамин D3 гæнæн ис бахъæуа, куыд хæдаразгæ хæринаг чи хæры, афтæ дзидзи дæйаг сывæллонты дæр.
  Сывæллон хæрыны рæстæджы хæлцимæ иумæ гæнæн ис æмæ аныхъхъуыра уæлдæф дæр. Бахуыс ын кæнут сбухъ кæнынæн. Ноггуырдыл ныххæцут вертикалонæй, йæ чъылдым уæхирдæм куыд уа, гæзæмæ йæ галиуæрдæм атасын кæнгæйæ, кæнæ йæ æрхуыссын кæнут уæ цонгыл æмæ йын уæзданæй уæ къух уадзут йæ астæустæгыл, дæлæмæ-уæлæмæ, цалынмæ не сбухъ кæна, уæдмæ. Афтæ йын кæнут алы хæрды фæстæ. Иу мæйы онг кары сывæллоны цалдæр хатты сбухъ кæнын кæнут хæрыны рæстæджы.
  Сывæллон хатт гæнæн ис æмæ ма сбухъ кæна. Ахем рæстæджы йæ ныууадзут йæхи бар, уымæн æмæ бухъ кæнынимæ иумæ скæла йæ хæринаг дæр.
  Сывæллонæн мæйы кæронмæ йæ ас хъуамæ фæфылдæр уа 3 см. æмæ йæ уæз та 600 граммы.





 
  © 2006 www.bavshvi.ge