|
|
 |
|
|
|
|
|
|
|
ДЫУУАДÆСÆМ МÆЙ
РÆЗТ
Уæ чысыл хурыл цæуы дæс мæйы
Райдыдта чиныджы сыфтæ рафæлдах-бафæлдах, "скъæры машинæ", "хæрын кæны
къукълайæн», хъазæн пирамидæйæ æфтауы æмæ фæстæмæ кæны йæ тымбылæгтæ. Тагъд
гæнæн ис æмæ зæгъа «дада», «баб», «ау-ау».
Сывæллон лæууын райдыдта æнæискæй æххуысæй æмæ архайы къахдзæфтæ
аразыныл, хизы тахтæмæ, бандонмæ, рæвдауы цæрæгойты. Ма йæ баджиздарут
цæрæгойтимæ хъазынæй, ма дæр æй уыдонæй фæтæрсын кæнут, фæлæ уæ гигиенæйы
домæнтæ дæр ма ферох уæт. Куыдз хæргæ куы кæна, уæд æм сывæллоны хæстæг ма
бауадзут. Гæнæн ис æмæ йыл фæхæца.
Сывæллон æнкъард куы уа, уæд, æнæмæнг, йемæ ахъазут. Бафæрсут æй истæмæй – кæм
ис йæ фындз, йæ дзых, йæ къух. Кæд æмæ цымыдисæй хъазы æмæ йæхи сæрмагонд
«хъуыддагыл» у æфтыд, уæд æй ныууадзут, ма йын фехалут йæ хъуыдытæ æмæ хъусдард.
Йæхи бон саразын цы уа, уым ын сымах ма ‘ххуыс кæнут, уадз æмæ цайдагъ кæна
æнæискæцæй æххуысæй архайын.
|
 |
СЫВÆЛЛОНМÆ
ЗИЛЫН
Уæ чысыл хурыл сæххæст иуæндæсæм мæйы
Архайы æнæискæй æххуысæй къахдзæфтæ аразыныл. Райдайы йæ къухтæ размæ айтындзы,
цымы цæуыл хъуамæ фенцой кæна, уый агуры. 14 мæймæ сывæллонæн йæ цыды манерæ
сфидар вæййы. Цæмæй раст æмуæз кæна, уый тыххæй уал йæ цæнгтæ фæйнæрдæм акæны,
стæй сæ æруадзы сабыргай. Уымæй уал агуры æцойлæууæн. Чысылы слæууын кæнут сисы
цур, æрбадут æм дæрддзæф æмæ йæм фæдзурут: "рауай мæммæ!"
Ацы кары сывæллонæн йæ дзырдты фæсауæрц вæйы 10-12, фæлæ æмбаргæ та кæны фылдæр
æмæ йын цы зæгъай, уый дын æххæст дæр скæндзæнис: "сис æй", "æри йæ", "рывæр
æй", "дæ дзых схæлиу кæн".йæхæдæг дæр æппынæдзух куры "æри мын".
Сывæллон фæаразы хуымæтæг конструкцитæ, æхситт кæны "цъиу æхситгæнæнæй",
"фезмæнты тæрхджытæ æмæ лагъзытæ, æппæтмæ дæр февналы, халы, зæхмæ сæ калы,
ракæн-бакæн кæны дуæрттæ, скъуыдтæ кæны гæххæттытæ. Тырны æттаг дуне тагъддæр
базонынмæ æмæ йæм хъæуы уæ хъусдард. У къæрццхъус, сывæллоны раз ма хъуамæ
ныууадзат цыргъаг, тæвд предметтæ, тæвд дон кæм уа, ахæм мигæнæн, зынг, нæ йæ
хъæуы уадзын асинтæм.
ДОХТЫРЫ
АМЫНДТÆ Сывæллоны æнæкъус-дардæй макуы
ныууадзут тас ын кæмæй уа, ахæм тæссагдзинæдты цур - цæугæдон, денджыз, фæндаджы
был, тæвд дон кæм уа. Ахæм мигæнæны, рудзынг æмæ асинты пур. Уазæгуаты æмæ
уæхимæ уазæг куы уа бакæсут уавæрмæ сывæллонæн йæхи цæстынгасæй, ма йæ бафхæрут
йæ ахæм мийы тыххæй, кæцыйы нырма но 'мбары. Цы 'взагæй æмбары, уымæй йын
бауайдзæф кæнын хуыздæр сæмбæлдзæнис йæ нысаныл.
|
|
|
|
|
 |
|
|