Main PageSite MapContact


  ИУÆНДÆСÆМ МÆЙ  

  РÆЗТ
  
Уæ чысыл хурыл цæуы дæс мæйы
Райдыдта чиныджы сыфтæ рафæлдах-бафæлдах, "скъæры машинæ", "хæрын кæны къукълайæн», хъазæн пирамидæйæ æфтауы æмæ фæстæмæ кæны йæ тымбылæгтæ. Тагъд гæнæн ис æмæ зæгъа «дада», «баб», «ау-ау».
Сывæллон лæууын райдыдта æнæискæй æххуысæй æмæ архайы къахдзæфтæ аразыныл, хизы тахтæмæ, бандонмæ, рæвдауы цæрæгойты. Ма йæ баджиздарут цæрæгойтимæ хъазынæй, ма дæр æй уыдонæй фæтæрсын кæнут, фæлæ уæ гигиенæйы домæнтæ дæр ма ферох уæт. Куыдз хæргæ куы кæна, уæд æм сывæллоны хæстæг ма бауадзут. Гæнæн ис æмæ йыл фæхæца.
Сывæллон æнкъард куы уа, уæд, æнæмæнг, йемæ ахъазут. Бафæрсут æй истæмæй – кæм ис йæ фындз, йæ дзых, йæ къух. Кæд æмæ цымыдисæй хъазы æмæ йæхи сæрмагонд «хъуыддагыл» у æфтыд, уæд æй ныууадзут, ма йын фехалут йæ хъуыдытæ æмæ хъусдард. Йæхи бон саразын цы уа, уым ын сымах ма ‘ххуыс кæнут, уадз æмæ цайдагъ кæна æнæискæцæй æххуысæй архайын.


  СЫВÆЛЛОНМÆ ЗИЛЫН
  
Сывæллоны бон æртæ хатты атæзгъо кæнут бадæн кæуыл уа, ахæм уæрдоны. Уæ зæрдыл дарут, бæрæ рæстæг бадæн ын кæй нæй. Кæд æмæ лæууын базыдта, уæд æй иу - чысыл рæстæг аракæн-бакæн кæнут йæ къухыл ныхæц-гæйæ.рæстæгæй-рæстæгмæ йын зæгъут: "æри мын хъазæн", "æримын пурти", "аппар ппутри", "пурти къахæй фæцæф кæн…" йæ разы рæвæрут лæдзæг æмæ йын баххуыс кæнут йæ сæрты арахиз-бахиз кæнынæн. Куыд хурмæ, афтæмæй йæ ныххæцын кæнут уæ къухтыл æмæ йæ рабадын кæнут, саразын ын кæн "æсбад-сыст". Йæ сæр æхсгæйæ йын бацамонут улæфын: "улæф дæ дзыхæй, фындзæй ма æсулæф, сыхгæн дæ цæстытæ". Цалынмæ йæ найут, уæдмæ улæфынæй иумæ саразут фæлтæрæнтæ.
Уе 'ххуысæй æмæ сразæнгард кæнынæй сывæллон фæцахуыр уыдзæнис къусæй тæнгъæд нуазыныл, уидыгей та кас æмæ пюре хæрыныл. Уыцы амындтыты процесс кæд сымахæй бирæ тыхсын домы, уæддæр чысылы йæхи къухæй хæргæ куы фенат, уæд уын уый, æнæмæнг, æрхæсдзæнис стыр циндзинад.
Сывæллон, цы йæ фæнды, уыдæтты тыххæй нын фæдзуры йæхирдыгонау, къухæй, дзырдæй. Бацархайут, цæмæй истыгъуызонæй зæгъа йæ фæндон. Уæ зæрдыл дарут уый æмæ уæ чысылæн йæ ахæм фæндтæ алцæмæй дæр куы æххæст кæнат, уæд уын дзурын рæгмæ райдайдзæнис.

 



  ХÆРÆН КÆНЫН

Сывæллонæн радтут:
Мады æхсыр кæнæ хæдаразгæ харинаг – бон 3 хатты, æдыппæт 600 мл.(спайда кæнут агуывзæйæ.);
Хъæдуры касгонд-бон 4 хæрыны уидыг кæнæ фылдæр;
Цæхæрадоны халсæртты касгонд – бон 4 хæрыны уидыг кæнæ фылдæр.
Дыргъы дон – цас дома, уымæ гæсгæ.
Равзарут:
Ног дзидза, айчы бур, цъæл лобиа, кæсаг, æхсыр, цыхт кæнæ туаг æхсыр – бон 4 хæрыны уидыг; уæ бон у æмæ ма сæм бафтауат:
Иумиаг фынджы хæринæгтæй цъустæ-цъустæ алыгъуызон хæринæгтæй. Ахæмтæ, кæцытыл къухæй уа æнцонхæцæн, æнцонæууилæн хæринаг, стуры кæнæ карчы дзидза, кæсаг; дыргъ; патсеризацигонд æхсыр кæнæ туаг æхсыр бон 1 цайы уидыг. Фынгмæ райсут ног уæнг!








 
  © 2006 www.bavshvi.ge