|
|
 |
|
|
|
|
|
|
|
ДÆСÆМ МÆЙ
РÆЗТ
Уæ чысыл хурыл сæххæст фараст мæйы
Æмбары дзырдтæ "æри мын æй", "айс æй", "о", "нæ" (уæ "нæ" кæддæридæр хъуамæ уа
раст æмæ принципиалон). Æмбары хуымæтæг хъуыдыуæттæ дæр, æхсызгон ын у æндæр
сывæллæттимæ æмæ хистæртимæ куы уа, уæд уый. Кæрæдзийы мидæг æмæ кæрæдзийыл
æвæры хъазæнтæ, бакæны æмæ сæхгæны лагъз, дуар, дыууæ æнгуылдзæй исы хъазæн, йæ
бон у базыл æсбыра æмæ æрбыра.
Æвæццæгæн хатут уый æмæ уæм сывæллон арæх ныхмæ фæлæууы - уый хæдбар дзинадмæ йæ
тырнындзинады фыццаг нысан. Ма йæ сфæлмæцын кæнут уайдзæфтæй. Уæхимæ йæ æввахс
æрбакенут æмæ йын радзурут ахæм исты, кæцымæ æрдара йæ хъусдард, сцымыдис æй
кæнут.
Чысыл ныр ахуыр кæны бандоныл бадын. Уæ хъус æм бадарут, раст бады æви нæ йæ
рагъæстæгы æмæ къæхты 'хсæн хъуамæ рæза раст къуым. Равзарут ын раст æнцойгæнæн
кæмæн уа, сывæллоны ахæм бандон.
Сывæллоны фæцайдагъ кæнут хæрын йæхи фынгыл фæлæ-иу æй хатт бакæнут стырты
фынгмæ дæр. Фынджы бæрзонд хъуамæ уа, цæмæй цйыл сæрибарæй æвæра йæ цæнгтæ.
Сывæллæтты фылдæр хай ацы кары бирæ уарзынц бадгæйæ сæхи найын æмæ доны чи ленк
кæны, уыцы хъазæнтæй хъазын. Кæд йæ сæрыл дон æркæлынæй тæрса, уæд ын бацамонут
уæхи цæвиттонæй улæфын куыд хъæуы, уый цæстытæ бацъынд кæнут, дзых байгом кæнут
æмæ уырдыгæй улæфут".
СЫВÆЛЛОНМÆ
ЗИЛЫН
Сывæллон сыл куыд нæ хæст кæна, афтæ бамбæхсут цырæгътæ, тæвд цы уа, чысыл
предметтæ, уыдоны нымæцы - нартхоры, лобиайы нæмгуытæ, æнгузы æппытæ æмæ æндæр
ахæмтæ, бахизут æй элæктронон хæххытæй, химикон тадтагтæй. Уæ хъус бадарут,
цæмæй столæй æмбæрзæн ма раласа!
Æхсæвы кæд райхъал уа, уæд ын радтут йæ уарзон хъазæн.
Ахæм хъазт акæнут йемæ, кæцыйы арæх хъазгæйæ йæхицæн дæр йæ бон бауыдзæнис хайад
дзы райсын. Æмдзæгъд ын кæнут. Дзырдтæ йын дзурут бæлвырдæй æмæ йæ сразæнгард
кæнут, цæмæй уын сфæлхатт кæна уе змæлдтытæ: "тъаши-тъаши, бирæ бахордтон" (йæ
гуыбын тымбыл хаххыл æруадзут уæ къух), "сыстыр дæн, сыстыр дæн" (схæцут дыууæ
къухыл дæр бæрзонд), "ноджыдæр ббахæрдзынæн, сырæздзынæн" (сисут æй уæ
хъæбысмæ), "мæ мамайы, мæ папайы бирæ уарзын" (уæ хъæбысы йæ ныттухут). |
 |
Сихор хæргæйæ сывæллоны сбадын кæнут уæ хъæбысы, кæкæ гæрзытæ кæуыл уа,
ахæм сывæллæтты бандоныл. Хæринаг - кæрдзын, цохари, дзидза йын комкоммæ радтут
йæ къухмæ. Уый фæстæ йæхæдæг базондзæн дыууæ хæцæны кæуыл уа, ахæм агуывзæйæ
тæнгъæд нуазын дæр
ХÆРÆН
КÆНЫН Сывæллонæн радтут (бон):
Мады æхсыр кæнæ хæдаразгæ хæринаг -3 хатты, иууыл иумæ 600 мл., (пайда кæнут
агуывзæйæ);
тæнæггомау кас- 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
дыргъы касгонд - 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
цæхæрадоны халсæрттæ касгонд - 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
дыргъты кас гонд - 4 хæрыны уидыджы кæнæ фылдæр;
дыргъы дон - 85-125 мл;
дон - цас æй хъæуы, уыййас
равзаргæйæ: ног дзидза, айчы бур, цъæл лобиа, кæсаг, æхсыр, цыхт кæнæ туаг æхсыр
- 4 хæрыны уидыджы.
Уæ бон у æмæ сæм бафтауат: иумиаг фынгæй цъустæ-цъустæ æмхуызон хæринæгтæй.
Ахæмтæ кæцытыл къухæй уа æнцонхæцæн, æнцонæууилæн, стуры кæнæ карчы дзидза,
ныххафтгонд дыргъ, ссадæгы æхсыр кæнæ туаг æхсыр бон 1 агуывзæ.
Уæ бон у æмæ адарддæр кæнат дзидзи дарын.
|
|
|
|
|
 |
|
|